Мультипортал. Всё о Чеченской Республике.

С. ОСЕТИЯ. Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!


Просмотров: 475Комментариев: 0
ДАЙДЖЕСТ:
С. ОСЕТИЯ. Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

С. ОСЕТИЯ. Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей МЕНЯЙЛОЙЫ Арфæ Хетæджы Уастырджийы боны фæдыл


Ирыстоны кадджын цæрджытæ, мæ зынаргъ æмзæххонтæ!
Зæрдиаг арфæ уын кæнын Хетæджы Уастырджийы боны фæдыл!

Кæддæр ацы бæрæгбон кодтой Ирыстоны хицæн кæмтты цæрджытæ, кад æмæ радимæ куывтой дзуармæ, рæсугъдæй æххæст кодтой фыдæлтыккон æгъдау. Фæлæ рæстæг цæуы æмæ йемæ фарн хæссы. Ныр Хетæджы дзуар у, Цæгат æмæ Хуссар Иры, стæй нæ бæстæйы иннæ бынæттæ æмæ фæсарæнты алы кæрæтты чи цæры, уыцы ирон адæмы иугæнæг бæрæгбон.
Дунесфæлдисæджы фæндæй Уæлладжыры комы алæмæты æрдзы хъæбысы равзæрд табуйаг фæдзæхст бынат – Хетæджы Уастырджийы кувæндон. Куыд иннæ хæттыты, афтæ та ныр дæр дзуары бынмæ æрбамбырд уыдзысты бирæ дзыллæтæ, сæ бинонтæ æмæ хиуæтты бафæдзæхсдзысты Хуыцау, Хетæджы Уастырджи æмæ иннæ сыгъдæг зæдтыл.
Фыдæй-фыртмæ Хетæджы Уастырджийы зонæм, нæ адæмы иудзинадыл хорзæрдæм чи ахады, фæрныгдæр фидæнмæ фæндагыл нын ныфс чи дæтты, ахæм æргом дзуарæй. Æмæ уæдæ Дунейы фарн зæгъæд, цæмæй нæ алкæй зæрдæйы дæр уа ацы бæрæгбоныл рухс æнкъарæнтæ, сыгъдæг зæрдæ æмæ удвæллой бæркадимæ сæмбæлыны хъомыс.
Мæ зынаргъ æмбæстæгтæ! Уе ’ппæты дæр Хетæджы Уастырджийы хорзæх уæд! Дзуар уын хæссæд æнæниздзинад, бæркад æмæ фарн!
Хетæджы Уастырджийы бон Ирыстоныл афæдзæй-афæдзмæ рæсугъддæрæй куыд цæуа, ахæм амонд нæ уæд!




checheninfo.ru



Добавить комментарий

НОВОСТИ. BEST:

ЧТО ЧИТАЮТ:

Время в Грозном

   

Горячие новости

Это интересно

Календарь новостей

«    Апрель 2024    »
ПнВтСрЧтПтСбВс
1234567
891011121314
15161718192021
22232425262728
2930 

Здесь могла быть Ваша реклама


Вечные ссылки от ProNewws

checheninfo.ru      checheninfo.ru

checheninfo.ru

Смотреть все новости


Добрро пожаловать в ЧР

МЫ В СЕТЯХ:

Я.Дзен

Наши партнеры

gordaloy  Абрек

Онлайн вещание "Грозный" - "Вайнах"